Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Афтӕ Филипп ӕрцыд самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй. Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Иерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг цӕуы, уымӕ». (Уыцы фӕндаг ӕдзӕрӕг у.) Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы ныхас амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейтӕн. Варнавӕ хорз лӕг уыд, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцыд бирӕ адӕм. Дыккаг бон араст стӕм Кесаримӕ. Уым бацыдыстӕм, аргъуан цы авд лӕджы сӕвзӕрста, уыдонӕй иумӕ – фарны уац хъусынгӕнӕг Филиппы хӕдзармӕ, ӕмӕ уымӕ баззадыстӕм.
Выбор основного перевода