Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.
Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртатты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат».