Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын рахӕссой амарыны тӕрхон, Фӕлӕ не ссардтой, кӕд бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбацыд, уӕддӕр. Ӕппынфӕстаг, ӕрбацыди дыууӕ мӕнгӕвдисӕны Ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын"». Уӕд алчер сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ ныхмӕ Дын цы ӕвдисӕнтӕ хӕссынц, уыдонӕн ницы дзуапп дӕттыс?» Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Уӕд алчер арӕмыгъта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый! Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Зылын у, хъуамӕ амӕла». Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын рахӕссой амарыны тӕрхон, фӕлӕ нӕ ардтой. Бирӕтӕ лӕууыдысты мӕнгӕвдисӕн Йӕ ныхмӕ, фӕлӕ цы дзырдтой, уый сын кӕрӕдзийыл нӕ бадт. Цалдӕр мӕнгӕвдисӕны сыстадысты ӕмӕ дзырдтой Йӕ ныхмӕ: «Мах фехъуыстам, цы дзырдта, уый: „Ӕз фехалдзынӕн лӕджыкъухӕйконд ацы Кувӕндон ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, лӕджыкъухӕйконд чи нӕу, ахӕм"».
Выбор основного перевода