Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ. Ӕз загътон: „Хицау, уыдон зонынц, ӕз Дӕуыл ӕууӕндджыты кӕй ахстон ӕмӕ сӕ синагогӕты кӕй надтон, уый. Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Иерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты баппӕрстон ахӕстӕттӕм; мӕлӕты тӕрхон-иу сын куы хастой, уӕд-иу хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл. Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл. Афтӕ уӕнгӕл мын уыдысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр. Диныл фырӕнувыдӕй – Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ – ӕнӕфау рӕстгӕнӕг. Ӕз Ӕй раздӕр фаудтон, зылдтӕн Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йӕ ӕфхӕрдтон, фӕлӕ мын ныббарстӕуыд, уымӕн ӕмӕ цы кодтон, уый не 'мбӕрстон – уыдтӕн ӕнӕуырнӕг.
Выбор основного перевода