Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат. Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ уӕхицӕн ракуырдтат лӕгмары, Нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта, хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы. Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не 'фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы лӕгты. Сымах та ныр ацы Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат. Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн. Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ кусӕг, ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн. Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Хицау Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Хицауы сӕраппонд цы бакодтон, сымах мӕ уыцы фӕллой не стут, ӕви? Сеппӕты фӕстӕ, ӕфтыддагмӕ фӕзынӕгау, фӕзынди мӕнмӕ дӕр.
Выбор основного перевода