Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕхи хизут адӕмӕй: уыдон уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ нӕмдзысты ехсӕй сӕ синагогӕты; Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ. Ӕз ӕфхӕрдтон ацы фӕндагыл цӕуджыты, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сӕ ӕппӕрстон ахӕстонмӕ. Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл. Афтӕ уӕнгӕл мын уыдысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.
Выбор основного перевода