Анани араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме 'фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Йӕхи Чи равдыста, уыцы Хицау Йесо рарвыста мӕн, цӕмӕй ракӕсай дӕ цӕстытӕй ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».
Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнилий рӕстгӕнӕг лӕг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дӕм байхъусын».