Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕцӕг уын зӕгъын: Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн тӕрхоны бон уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕни. Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, нысангонд Ын цы фӕндаг у, ууыл. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн». Ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый Адӕймаджы Фырт у. Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ фарны уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын. Фӕлӕ Кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, Уый ном куыд ссарой? Кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, Ууыл куыд баууӕндой? Куыд фехъусой, куы ничи сын хъусын кӕна, уӕд? Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау ӕрхаудтӕн Йӕ къӕхты цурмӕ. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, Дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, ныр цӕрдзынӕн мыггагӕй-мыггагмӕ. Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.
Выбор основного перевода