Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ. Мах та хъусын кӕнӕм дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейтӕн цӕлхдур у, муртаттӕ та йӕ ӕнӕзондыл нымайынц. Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарыл тыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын. Йӕхи уӕ мачи сайӕд. Кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы зондджын у, уӕд суӕд «ӕнӕзонд», ӕмӕ уыдзӕни зондджын. Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах та – тыхджын; сымах кадджын стут, мах та – ӕгад. Нӕхи цӕнгтӕй кӕнӕм уӕззау куыст. Ӕлгъитынц нӕ, мах та сын Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ, ӕмӕ мах фӕразӕм. Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас, кӕд фарны уац ууыл дзуры, уӕд сымахӕй иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, зӕгъгӕ?
Выбор основного перевода