Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Чырыстийӕн афтӕ фӕхъизӕмар кӕнын ӕмӕ Йӕ намыс райсын не 'мбӕлд, ӕви?» Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Уӕд сын байгом кодта сӕ зонд Сыгъдӕг Фыст ӕмбарынӕн, Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид; Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейты – Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый. О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырыстийы сымахмӕ байтыгъдӕуыд, афтӕ уын ӕй куы равдыстӕуыди, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта [ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ ма кӕсат]?
Выбор основного перевода