Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ. Хуыцау рагзаманы адӕмтӕн лӕвӕрдта, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрыны бар. Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй, Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх, Ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл, ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл. Ут коммӕгӕс хъӕбултау – Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уӕм цы мондӕгтӕ уыди, уыдоны фӕдыл ма цӕут,
Выбор основного перевода