Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иудейтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Мах Ӕй кӕм не ссарӕм, ахӕм ранмӕ кӕдӕм ацӕудзӕн? Бердзенты ӕхсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуыны ӕмӕ бердзенты ахуыр кӕныны фӕнд Ӕм нӕй, ӕви? Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома, Ныфсдӕттӕг) кӕй схуыдтой, уыцы кипраг левит Иосифӕн уыди зӕххы хай. Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы фарны уац. Уыцы фӕндон фӕцыд сеппӕты зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Николайы. Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, кириниаг Луций, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.
Выбор основного перевода