Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе 'хсӕн лӕууы, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый – Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг". Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй».
Выбор основного перевода