Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иухатт боны фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг уый бӕлвырд федта Хуыцауы зӕды. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнилий!» Корнилий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Хицау?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн де 'ххуыс Хуыцауӕй нӕ ферох сты. Арвит лӕгтӕ Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнилий рӕстгӕнӕг лӕг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дӕм байхъусын». Корнилий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы февзӕрд иу лӕг ӕрттивгӕ дарӕсы Ӕмӕ загъта: „Корнилий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, мӕгуыртӕн де 'ххуыс Хуыцауӕй нӕ ферох. Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы былыл".
Выбор основного перевода