Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Нойыл фондзсӕдӕ азы куы рацыд, уӕд ын райгуырдысты Сим, Хам ӕмӕ Иафет. Мӕнӕ Нойы фыртты, Симы, Хамы ӕмӕ Иафеты, байзӕддӕгтӕ. Доны хъаймӕты фӕстӕ уыдонӕн райгуырди фырттӕ. Иафеты фырттӕ: Гомер, Магог, Мадай, Иаван, Тувал, Мешех ӕмӕ Фирас. Гомеры фырттӕ: Аскеназ, Рифат ӕмӕ Фогарма. Иаваны фырттӕ: Елиса, Фарсис, Киттим ӕмӕ Доданим. Уыдонӕй рацыдысты денджызгӕрон цӕрджытӕ. Алчидӕр сӕ ӕрцард йӕхи зӕххыл, йӕхи адӕмы ӕхсӕн. Алкӕмӕн дӕр уыдис йӕхи ӕвзаг, йӕхи мыггаг. Хамы фырттӕ: Куш, Мицраим, Фут ӕмӕ Ханаан. Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама ӕмӕ Савтеха. Раамы фырттӕ: Шева ӕмӕ Дедан. Кушӕн ма райгуырди Нимрод – фыццаг домбай адӕймаг зӕххыл. Нимрод Хуыцауы раз уыди домбай цуанон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ баззад ӕмбисондӕн: «Уый Нимроды хуызӕн домбай цуанон у Хуыцауы раз». Нимроды паддзахадӕй фыццаг уыдысты: Вавилон, Эрех, Аккад ӕмӕ Халне – Сеннаары зӕххы сахартӕ. Уыцы зӕххӕй Нимрод ацыд Ассурмӕ, ӕмӕ ам сарӕзта Ниневи, РеховофИр, Калах Ӕмӕ Ресен – Ниневи ӕмӕ Калахы стыр сахары ӕхсӕн. Мицраимӕй райгуырдысты Лудим, Анамим, Легавим, Нафтухим, Патрусим, филистимӕгтӕ кӕмӕй райгуырдысты, уыцы Каслухим ӕмӕ Кафторим. Ханаанӕй райгуырдысты: Сидон – йӕ фыццаг фырт, Хет, Иевусей, Аморрей, Гергесей, Евей, Аркей, Синей, Арвадей, Цемарей ӕмӕ Химафей; уый фӕстӕ ханаанаг адӕмыхӕттытӕ ныххӕлиу сты, Ӕмӕ ханаанӕгты арӕнтӕ уыдысты Сидонӕй Герарырдӕм – Газӕмӕ; ардыгӕй та – Содомы, Гоморрӕйы, Адмӕ ӕмӕ Цевоимырдӕм – суанг Лашӕйы онг. Уыдон сты Хамы фырттӕ, сӕ адӕмыхӕттытӕм, се 'взӕгтӕм гӕсгӕ сӕ зӕххыты, сӕ адӕмы ӕхсӕн. Уыди сывӕллӕттӕ Иафеты хистӕр ӕфсымӕр Симӕн дӕр – Еверы ӕппӕт фыртты фыдӕлӕн. Симы фырттӕ: Елам, Ассур, Арфаксад, Луд, Арам. Арамы фырттӕ: Уц, Хул, Гефер ӕмӕ Маш. Арфаксадӕн райгуырди Сала, Салайӕн райгуырд Евер. Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иуы ном – Фалек, уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕ заманы ныддихтӕ кодтой; йе 'фсымӕры ном уыдис Иоктан. Иоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шалеф, Хацармавеф, Иерах, Гадорам, Узал, Дикла, Овал, Авимаил, Шева, Офир, Хавила ӕмӕ Иовав. Уыдон иууылдӕр сты Иоктаны фырттӕ. Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ уыдысты Мешайӕ скӕсӕнырдӕм – Сефары хӕхбӕстӕмӕ. Уыдон сты Симы фырттӕ, сӕ адӕмыхӕттытӕм, се 'взӕгтӕм гӕсгӕ сӕ зӕххыты, сӕ адӕмы ӕхсӕн. Уыдон сты Нойы фырттӕ сӕ адӕмыхӕттытӕм гӕсгӕ, сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ адӕмы ӕхсӕн. Доны хъаймӕты фӕстӕ уыдонӕй рацӕугӕ адӕмтӕ ахӕлиу сты зӕххыл.
Выбор основного перевода