Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Цӕугӕ, ӕрзил ацы зӕххыл дӕргъмӕ ӕмӕ уӕрхмӕ; уымӕн ӕмӕ йӕ Ӕз дӕуӕн дӕттын». Хуыцау ын ноджыдӕр загъта: «Ацы зӕхх дӕуӕн раттыны сӕраппонд дӕу халдейаг Урӕй Чи ракодта, Ӕз уыцы Хуыцау дӕн». Аврам Ӕй бафарста: «Мӕ Паддзах, Дунедарӕг Хуыцау! Уыцы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕн, уый куыд базондзынӕн?» Уыцы зӕххыл ӕрцӕр рӕстӕгмӕ. Ӕз уыдзынӕн демӕ, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн. Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый: ӕппӕт ацы зӕххытӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Авраам ӕмӕ Исаакӕн цы зӕхх радтон, уый дӕуӕн дӕттын, дӕ фӕстӕ та – дӕ байзӕддӕгтӕн». Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ныр ӕз мӕлын, фӕлӕ Хуыцау уыдзӕнис уемӕ ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ рахондзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ. Ацу, ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ: „Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, фӕзынди мӕнмӕ ӕмӕ загъта: ‘Мӕ мӕт сымахыл уыд, ӕмӕ федтон, Мысыры уын цы митӕ кӕнынц, уый, Ӕмӕ загътон: Ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн мысыраг ӕфсондзӕй ӕмӕ уӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы зӕхмӕ’“. Иосиф куы марди, уӕд ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы загъта, Израилы адӕм Мысырӕй кӕй рацӕудзысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста уырдыгӕй йе стджытӕ рахӕссын.
Выбор основного перевода