Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Быдыры бастам куыристӕ; ӕваст мӕ куырис рабадт ӕмӕ уырдыг слӕууыд, уӕ куыристӕ та ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой». Иосиф йӕ фын радзырдта йе 'фсымӕртӕн дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕн дӕр. Йӕ фыд ын бауайдзӕф кодта: «Уый цавӕр фын федтай? Ӕз, дӕ мад ӕмӕ де 'фсымӕртӕ ӕцӕг ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ зӕххы онг дӕуӕн акувдзыстӕм, мыййаг?» Фараон радта бардзырд, цӕмӕй Иосифы ласой паддзахады дыккаг хӕстон бӕхуӕрдоныл, адӕм цӕуой йӕ разӕй ӕмӕ хъӕр кӕной: «Ӕрхаут уӕ зонгуытыл!» Ӕмӕ фараон Иосифы сӕвӕрдта ӕппӕт мысыраг зӕххы сӕргъы. Иосиф та Мысыры хицау уыди, ӕмӕ хор уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Ӕрцыдысты Иосифы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой.
Выбор основного перевода