Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Лиа ноджыдӕр басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Мӕ лӕг мӕ кӕй нӕ уарзы, уый фехъуыста Хуыцау, ӕмӕ мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Лиа йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Симеон. Лиа та ногӕй басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ лӕг мӕнӕй фылдӕр никӕйуал уарздзӕн – ӕртӕ фырты йын ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном, – Левий. Валлӕйы – Рахилы лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим. Зелфӕйы – Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир. Уыцы фырттӕ Иаковӕн райгуырдысты ПадданАрамы. Иаков йӕ фыд Исаакмӕ ӕрцыди Мамремӕ, КириафАрбамӕ (Хевронмӕ) хӕстӕг – Авраам ӕмӕ Исаак ӕрцӕуӕггӕгтӕй кӕм цардысты, уырдӕм. Исаак ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы. Уый фӕстӕ йӕ уд систа, амарди зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй ӕмӕ аивгъуыдта йӕ рагфыдӕлтӕм. Баныгӕдтой йӕ Исав ӕмӕ Иаков, йӕ фырттӕ.
Выбор основного перевода