25
Дӕуӕн Чи ӕххуыс кӕны, дӕ фыды уыцы Хуыцауӕй. Йӕ арфӕтӕ дыл бафтаудзӕн Ӕппӕтхъомыс, бафтаудзӕни дыл уӕларвон арфӕтӕ, дӕле цы зӕхх ис, уый арфӕтӕ, арфӕгонд уыдзынӕ, бирӕ зӕнӕг ӕмӕ дын фос кӕй ратдзӕн, уымӕй.
Хуыцау дын раттӕд уӕларвон ӕртӕхӕй ӕмӕ зӕххы сойӕ, бирӕ хор ӕмӕ сӕн.
Ӕппӕтхъомыс Хуыцау та дыл Йӕ арфӕ бафтаудзӕни, ратдзӕни дын бирӕ цот ӕмӕ дын сбирӕ кӕндзӕни дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни бирӕ адӕмтӕ.
Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн.
Иаков загъта: «О Хуыцау, мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау, мӕнӕн афтӕ зӕгъӕг Хуыцау: „Аздӕх дӕ зӕхмӕ, дӕ хӕстӕджытӕм, ӕмӕ дын Ӕз уыдзынӕн хӕрзгӕнӕг“,
Сыстӕм ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ; мӕ уынгӕджы бон мӕ Чи фехъуыста ӕмӕ алы ран дӕр мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн ӕз уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн».
Хуыцау ын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн! Цот уадз ӕмӕ сбирӕ у. Адӕм ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, стӕй паддзӕхтӕ рацӕудзӕни дӕуӕй.