Авраам сразы Ефронимӕ, ӕмӕ йын сбарста, Ефрон ын Хеты байзӕддӕгты раз цас загъта, уый бӕрц – цыппарсӕдӕ сиклы ӕвзист – сӕудӕджерты барӕнӕй.
Афтӕмӕй Ефронӕн Мамремӕ хӕстӕг, Махпелы, цы зӕхх ӕмӕ лӕгӕт уыди, стӕй быдыры ӕмӕ йӕ арӕныл цы бӕлӕстӕ уыдис,
Уыдон иууылдӕр баисты Авраамы; сахары кулдуармӕ Хеты байзӕддӕгтӕй чи ӕрцыд, уыдон сеппӕт дӕр уыдысты ӕвдисӕнтӕ.
Уый фӕстӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы баныгӕдта Махпелы быдыры лӕгӕты, ханаанаг зӕххыл – ныртӕккӕ Хеврон чи хуыйны, уыцы Мамремӕ хӕстӕг.
Афтӕ Хеты байзӕддӕгты быдыр ӕмӕ лӕгӕт уӕлмӕрдтӕн баисты Авраамы.