Ӕмӕ сӕ бакодта йӕ хъахъӕнджыты хицауы хӕдзары – Иосиф кӕм бадти, уыцы ахӕстоны.
Ахӕстоны чи бадти, Мысыры паддзахы уыцы сӕндар ӕмӕ дзулфыцӕг иуахӕмы уыциу ӕхсӕв федтой фынтӕ. Алчидӕр сӕ федта йӕхи фын – сӕ иуы фын иннӕйы фыны хуызӕн нӕ уыд.
Фараон арвыста Иосифмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ракодтой ахӕстонӕй. Йӕ сӕр алвыдта, раивта йӕ дарӕс ӕмӕ бацыди фараонмӕ.