Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы рӕстӕг Авимелех йе 'фсады хицау Фихолимӕ загъта Авраамӕн: «Ды цыдӕриддӕр ма аразай – Хуыцау дын ӕххуысгӕнӕг у; Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Йӕ хицау федта, Хуыцау кӕй ис Иосифимӕ – цавӕрфӕнды хъуыддагмӕ ма бавнала, Хуыцау ын дӕтты ӕнтыст. Фӕлӕ ам дӕр Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йӕм равдыста Йӕ хорзӕх – ахӕстоны хицау ӕм ракаст дзӕбӕх цӕстӕй. Иосифы бӕрны цы уыди, уыдӕттыл ахӕстоны хицау уыд ӕнӕмӕт; уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаджы дӕр лӕвӕрдта ӕнтыст.
Выбор основного перевода