Мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы рацӕйцыдысты, уӕд ӕфсымӕртӕ Иосифы сластой уӕрмӕй, ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн ауӕй кодтой ссӕдз ӕвзист сиклыл. Уыдон та йӕ семӕ акодтой Мысырмӕ.
Иосифы та измаилӕгтӕ ӕркодтой Мысырмӕ, ӕмӕ йӕ уым уыдонӕй балхӕдта мысыраг Потифар, фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – йӕ хъахъӕнджыты хистӕр.