Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн.
Хуыцау загъта Иаковӕн: «Марадз, ссу Вефилмӕ ӕмӕ дзы ӕрцӕр. Сараз дзы нывондхӕссӕн, де 'фсымӕр Исавӕй куы фӕлыгътӕ, уӕд дӕм Чи фӕзынд, уыцы Хуыцауӕн».