Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Иаков дзырд радта: «Хуыцау мемӕ куы уа, цы фӕндагыл цӕуын, ууыл мӕ куы бахъахъӕна, хойраг мын хӕрынӕн ӕмӕ мын дарӕс дарынӕн куы ратта, Дзӕбӕхӕй мӕ фыды хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау, Ӕмӕ нысанӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый уыдзӕни Хуыцауы хӕдзар; ӕмӕ мын Ды цыдӕриддӕр раттай, ӕппӕт уыдонӕй сӕ дӕсӕймаг хай ратдзынӕн Дӕуӕн». Хуыцау загъта Иаковӕн: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ хиуӕттӕм. Ӕз демӕ уыдзынӕн». Мӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, ӕмӕ Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцау мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныртӕккӕ арвыстаис афтидармӕй. Фӕлӕ Хуыцау федта мӕ зынтӕ, мӕ къухты фыдӕбон, ӕмӕ дысон рахӕцыди мӕ сӕрыл». Иаков тынг старст ӕмӕ фӕджихау. Йемӕ чи уыдис, уыцы адӕмы, стӕй фысвос, стурты ӕмӕ теуаты фӕкодта дыууӕ дихы. Йӕхӕдӕг та баззад иунӕгӕй, ӕмӕ суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ Чидӕр хъӕбысӕй хӕцыд йемӕ;
Выбор основного перевода