42
Мӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, ӕмӕ Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцау мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныртӕккӕ арвыстаис афтидармӕй. Фӕлӕ Хуыцау федта мӕ зынтӕ, мӕ къухты фыдӕбон, ӕмӕ дысон рахӕцыди мӕ сӕрыл».
Лиа басывӕрджын, ныййардта лӕппу, сӕвӕрдта йыл ном – Рувим, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Хуыцау федта мӕ хъизӕмар; ныр мӕ ӕнӕмӕнг бауарздзӕн мӕ мой».
Фӕлӕ арамейаг Лаванмӕ уыцы ӕхсӕв фыны ӕрцыди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи бахиз, Иаковӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр мацы зӕгъ».
Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау – Иаковы ӕмӕ Лаваны фыдӕлты хуыцӕуттӕ – махӕн уӕд тӕрхонгӕнӕг». Ӕмӕ Иаков расомы кодта, йӕ фыд Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцауӕй.