Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Иаков сыстади сӕумӕйӕ, ӕмӕ йӕ нывӕрзӕнӕй райста дур, нысанӕн ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йыл ауагъта зети. Иаков уыцы бынат схуыдта Вефил; сахары раздӕры ном та уыди Луз. Иаков дзырд радта: «Хуыцау мемӕ куы уа, цы фӕндагыл цӕуын, ууыл мӕ куы бахъахъӕна, хойраг мын хӕрынӕн ӕмӕ мын дарӕс дарынӕн куы ратта, Дзӕбӕхӕй мӕ фыды хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау, Ӕмӕ нысанӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый уыдзӕни Хуыцауы хӕдзар; ӕмӕ мын Ды цыдӕриддӕр раттай, ӕппӕт уыдонӕй сӕ дӕсӕймаг хай ратдзынӕн Дӕуӕн». Хуыцау загъта Иаковӕн: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ хиуӕттӕм. Ӕз демӕ уыдзынӕн». Иаков загъта: «О Хуыцау, мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау, мӕнӕн афтӕ зӕгъӕг Хуыцау: „Аздӕх дӕ зӕхмӕ, дӕ хӕстӕджытӕм, ӕмӕ дын Ӕз уыдзынӕн хӕрзгӕнӕг“,
Выбор основного перевода