Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр циу, уый зоныны бӕласӕй дын хӕрыны бар нӕй. Цы бон дзы фӕхъӕстӕ уай, уыцы бон ссардзынӕ дӕ мӕлӕт». Схуыдта йӕ Ной, ӕмӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ куысты ӕмӕ нӕ цӕнгты фӕллойы, Хуыцау кӕй ралгъыста, уыцы зӕххыл». Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне бафтыд ӕнӕпайда цардыл; барвӕндонӕй йӕ нӕ равзӕрста, фӕлӕ йӕ ахӕм цардыл бафтауын Хуыцауы бафӕндыд. Уӕддӕр бауынаффӕ кодта, Кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне кӕй фервӕздзӕн мӕлӕты ӕфсондзӕй ӕмӕ схайджын уыдзӕн, Хуыцау Йӕ хъӕбултӕн цы намыс ратдзӕн, уымӕй. Мах зонӕм: Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне абон дӕр ма хъӕрзы ӕмӕ хъизӕмар кӕны арӕг сылгоймагау.
Выбор основного перевода