Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хорз куы кӕнай, уӕд дӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзынӕ, ӕви? Хорз куы нӕ кӕнай, уӕд та тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕрӕмбӕхст; хъавы дӕм, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз». Арӕг сылгоймаг хъыг фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ удхары афон ралӕууыд. Фӕлӕ йын сывӕллон куы райгуыры, уӕд дзы фырцинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд. Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у. Сылгоймӕгтӕ, цыма Хицауы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс. Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы хицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары, Аргъуаны, Ирвӕзынгӕнӕг дӕр. Фӕлӕ Аргъуан Чырыстийӕн куыд коммӕгӕс у, афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр кӕддӕриддӕр хъуамӕ кӕсой сӕ лӕгты коммӕ. Уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.
Выбор основного перевода