Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг дзурын, уӕддӕр Мӕ ныхас ӕцӕг у, уымӕн ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый Ӕз зонын. Сымах та нӕ зонут, Ӕз кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый. Ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы хъӕбул, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Хицауы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ? Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала. «Ӕнӕцыд Чызг банхъӕлцау уыдзӕни, ныййардзӕни Фырт, ӕмӕ Йӕ схондзысты Эммануил» (ома, «Хуыцау немӕ ис»). Ӕмӕ Йӕм ӕмгӕрон нӕ бацыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт; ӕмӕ Йӕ Иосиф схуыдта Йесо. Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты, Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст – Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залиаг калмимӕ, залиаг калм ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты, Ӕз федтон зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыди дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс. Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ Ӕмӕ йӕ ныппӕрста дӕлдзӕхмӕ, сӕхгӕдта йыл дуар ӕмӕ дуарыл сӕвӕрдта мыхуыр, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ адӕмты куыд мауал фӕлива, афтӕ. Уый фӕстӕ хъуамӕ уӕгъдгонд ӕрцӕуа цыбыр ӕмгъуыдмӕ.
Выбор основного перевода