Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕргъы сӕвӕрдтой хицӕуттӕ; уыдон сӕ ӕфтыдтой тӕккӕ уӕззаудӕр куыстытыл, хъизӕмарӕй сӕ мардтой. Ӕмӕ хор ӕфснайынӕн израилӕгтӕ фараонӕн сарӕзтой Пифомы ӕмӕ Раамсесы сахартӕ. Сӕ цард сын ад нал кодта тыхкуыстӕй – ӕлыгӕй самандур аразынӕй, быдыры кусынӕй; ӕгъатырӕй сӕ ӕфтыдтой ӕппӕт уыцы куыстытыл. Нырӕй фӕстӕмӕ самандуртӕ аразынӕн адӕмӕн хъӕмп мауал дӕттут. Уадз сӕхӕдӕг цӕуой ӕмӕ хъӕмп ӕмбырд кӕной сӕхицӕн. Самандуртӕ та хъуамӕ аразой, раздӕр цас арӕзтой, уый бӕрц; сӕ уыцы хӕслӕвӕрдӕй сын ма аппарут. Ӕвдӕлон сты, ӕмӕ хъӕр самадтой: „Фӕцӕуӕм нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ!“ Фылдӕр куыст сын раттын хъӕуы; уӕд кусдзысты ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕм хъусынмӕ нал ӕвдӕлдзӕн». Ӕмӕ рацыдысты адӕммӕ цӕстдарджытӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ загътой адӕмӕн: «Афтӕ зӕгъы фараон: „Хъӕмп уын нал дӕттын. Ацӕут уӕхӕдӕг, кӕм ссарат, уым самал кӕнут уӕхицӕн хъӕмп. Самандуртӕ та араздзыстут, цас арӕзтат, уый бӕрц“». Ӕмӕ адӕм ахӕлиу сты ӕппӕт мысыраг зӕххыл, ӕмӕ хъӕмпы бӕсты ӕмбырд кодтой хос, ӕмӕ ма зӕххы цы хӕтӕлтӕ баззад, уыдон. Цӕстдарджытӕ та сӕ сулӕфын дӕр нӕ уагътой, дзырдтой сын: «Алы бон дӕр самандуртӕ аразут, кусут, хъӕмп уӕм куы уыдис, уӕд цас арӕзтат, уый бӕрц». Мысыраг цӕстдарджытӕ надтой, израилаг адӕмӕй хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдоны, ӕмӕ сын дзырдтой: «Самандуртӕ нырмӕ цас арӕзтат, абон уый бӕрц цӕуылнӕ сарӕзтат?» Израилаг адӕмӕй хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдон ӕрцыдысты фараонмӕ ӕмӕ дзынӕзтой йӕ разы: «Цӕмӕн афтӕ кӕнынц махӕн, дӕ цагъартӕн? Дӕ цагъартӕн хъӕмп нӕ дӕттынц, афтӕмӕй, дам, самандуртӕ аразут. Нӕмынц дӕ цагъарты, ӕмӕ уымӕй дӕ адӕм ӕфтынц тӕригъӕды». Фӕлӕ сын фараон загъта: «Магусатӕ стут, магусатӕ! Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзурут: „Фӕцӕуӕм Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ“. Ацӕут кусынмӕ. Хъӕмп уын ничи ратдзӕн. Самандуртӕ та аразут, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц». Израилӕгтӕй цӕстдарӕг чи уыд, уыдоны хъизӕмарӕй мардтой ацы ныхӕстӕ: «Цас ӕмбӕлы, уал самандуры аразут алы бон дӕр».
Выбор основного перевода