Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд". Мӕн тыххӕй фыст цы ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн». Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый». Уымӕн ӕмӕ мӕнмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах, апостолты, Хуыцау сӕвӕрдта тӕккӕ цауддӕрты бынаты – цыма нын рахастӕуыд, адӕм нӕм куыд кӕсой, афтӕмӕй амарыны тӕрхон. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне – зӕдтӕ ӕмӕ адӕм. Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийӕн кӕй кусын, уый тыххӕй дӕн ахӕстоны сымах, муртатты, сӕраппонд. Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт – уыдоны фӕрцы схайджын уыдзыстут намысӕй. Ӕмӕ уеппӕтмӕ дӕр мӕнӕн ахӕм цӕстӕй кӕсын ӕмбӕлы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕ зӕрдӕйы стут. Ахӕстоны куы дӕн, фарны уацы сӕрыл куы хӕцын, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууын, уӕд уеппӕт дӕр мемӕ стут уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Фӕнды мӕ, ме 'фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз цы уавӕры бахаудтӕн, уый кӕй фӕахъаз фарны уац парахатдӕрӕй хъусын кӕнынӕн; Ӕмӕ ӕз Чырыстийы сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый базыдтой галуаны ӕппӕт хъахъхъӕнджытӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр. Ӕмӕ ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Хицауыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас.
Выбор основного перевода