Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй. Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау. Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода