Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй. Уый у сӕрыстыр, ницы зоны, сӕйы ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕуныхӕсты низӕй. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ, Хуыцауы раз, стӕй Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын: Рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ӕнӕсӕрфат ранымай-банымайӕ, Моисейы Ӕгъдауы фӕдыл быцӕутӕй ӕмӕ загъдӕй та дӕхи хиз – дзӕгъӕлы ӕмӕ ӕнӕпайда сты. Мӕнгахуырадыл чи лӕууы, уымӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты куы бамбарын кӕнай, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд.
Выбор основного перевода