Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Тимофею
1 2 3 4
Параллельные места
Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, ууыл та Ӕз дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз. Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых. Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийӕн кӕй кусын, уый тыххӕй дӕн ахӕстоны сымах, муртатты, сӕраппонд. Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт – уыдоны фӕрцы схайджын уыдзыстут намысӕй. Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары хъизӕмӕрттӕй ӕз архайын Чырыстийы тухӕнтӕ баххӕст кӕныныл Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд. Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ. Уыцы фарны уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.
2. Тимофею
1 2 3 4
Выбор основного перевода