Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Тимофею
1 2 3 4
Параллельные места
Ныр та раргом. Мыггагмӕ-йы Хуыцауы фӕндонӕй уыцы сусӕгдзинад пехуымпарты фыстыты фӕрцы зындгонд сси ӕппӕт адӕмтӕн, цӕмӕй баууӕндой ӕмӕ Хуыцауӕн суой коммӕгӕс. Ацы ӕмбийгӕ буар ӕнӕмбийгӕ куы суа ӕмӕ мӕлӕт тых цӕуыл у, уый ӕнӕмӕлгӕ куы суа, уӕд сӕххӕст уыдзӕни, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: «Мӕлӕт аирвӕзт уӕлахизы хъуыры». «Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ маргджын фат?» Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд – Хуыцауы сусӕг фӕнд алкӕмӕн дӕр раргом кӕнын. [Йесо Чырыстийы фӕрцы] ӕппӕт дӕр цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый рӕстӕджы райдианӕй басусӕг кодта Йӕ уыцы фӕнд, Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад. Ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау, Уӕдӕ хъӕбултӕ туг ӕмӕ стӕгӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары – хӕйрӕджы – ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ, Уый сӕвзӕрстӕуыд дуне сфӕлдисыны размӕ, ӕмӕ сымах сӕраппонд раргом рӕстӕджы кӕрон. Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.
2. Тимофею
1 2 3 4
Выбор основного перевода