Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Тимофею
1 2 3 4
Параллельные места
Тӕхудиаг сты хатыргӕнджытӕ – уыдон уыдзысты хатыргонд. Уӕд Йӕ рахиз фарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый. Куы ӕрцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон сеппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл. Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон. Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Хицау, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе 'рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.
2. Тимофею
1 2 3 4
Выбор основного перевода