Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Тимофею
1 2 3 4
Параллельные места
Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых. Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕн сӕ бындур у, уӕлӕрвты уын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдоныл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, уый. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй сымах фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы – фарны уацы. Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы, О Тимофей, цы дын баргонд ӕрцыди, уый бахъахъхъӕн. «Зонынад» кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та зонынадимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, уый фӕдыл ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕсты ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу. Уӕдӕ нӕ Хицауы [Йесо Чырыстийы] тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый худинагыл ма нымай, стӕй ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мӕнимӕ тухӕн кӕн фарны уацы сӕраппонд. Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый. Ды та амон, раст ахуырад куыд домы, афтӕ. Ацы ныхас ӕцӕг у. Мӕн уый фӕнды, ӕмӕ адӕмы ӕнувыдӕй ахуыр кӕнай ӕппӕт уыдӕттыл, цӕмӕй Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдон сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уый хорз у ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕни пайда. Уымӕн ӕмӕ фарны уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ цы ныхас фехъуыстой, уый сын пайда не 'рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты. Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ цӕуӕм Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ, Уый куыд загъта, афтӕ: «Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау та Йӕ хъуыддӕгтӕ арӕзт фӕци, дуне куы сфӕлдыста, уӕд. Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕйӕ, Иаковы ӕфсымӕрӕй, – Фыд-Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ Йесо Чырысти кӕй хъахъхъӕны, уыцы ӕвзӕрстытӕм.
2. Тимофею
1 2 3 4
Выбор основного перевода