Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Сымах алцӕмӕй дӕр хъӕздыг стут – ис уӕм уырнындзинад, зонынад, арӕхсут дзурынмӕ, иудадзыг стут ӕнувыд, уарзут нӕ. Уӕдӕ ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕр уӕхи равдисут рӕдауӕй. Хуыцауӕн Йӕ бон у, цы курӕм кӕнӕ нӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр цы нӕй, уымӕй дзӕвгар фылдӕр саразын. Ахӕм домбай у, нӕ фӕрцы йӕхи чи ӕвдисы, Йӕ уыцы тых. Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы. Уырнындзинад та хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы.
Выбор основного перевода