Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Йесо йын дзуапп радта: «Ды Хуыцауы хорзӕх куы зонис, стӕй дӕуӕн „Дон-ма Мын ратт" Зӕгъӕджы дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон». Фӕлӕ тӕригъӕд ӕмӕ хорзӕх иу не сты. Кӕд иу адӕймаджы тӕригъӕд бирӕтӕн мӕлӕт ӕрхаста, уӕд уыцы тӕригъӕды зианӕй цас тыхджындӕр сты Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ, иу Адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, хорзӕхмӕ гӕсгӕ бирӕтӕ кӕй райстой, уыцы лӕвар! Ӕмӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд цы расайдта, Хуыцауы хорзӕх уый хуызӕн нӕу. Иу тӕригъӕд ӕркодта карз тӕрхонмӕ, Хуыцауы хорзӕх та бирӕ тӕригъӕдтӕй раст кӕны. Бузныг Хуыцауӕй – Уый мах, уӕлахиздзаутау, кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац, ӕхсызгон хӕрздӕфау, Хуыцау мах руаджы хӕлиу кӕны алы ран дӕр. Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыды зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода