Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ, Уымӕн ӕмӕ Македонийы ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Иерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн. Зӕгъын уын мӕ хъуыды: ацы хъуыддаг уӕ пайдайӕн у, уымӕн ӕмӕ йӕ суанг фарон фыццаг сымах райдыдтат, стӕй йӕ саразыны фӕнд дӕр фыццаг уӕхицӕй рацыд. Уӕдӕ уыцы хъуыддаг ныр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут. Йӕ райдайын уӕ куыд зӕрдиагӕй фӕндыд, афтӕ йӕ кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут уӕ фадӕттӕм гӕсгӕ.
Выбор основного перевода