Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
«Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл». Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Асийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм. Нӕхи ӕнкъардтам афтӕ, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны хай баистӕм уымӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ дарӕм нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл. Мах кастыстӕм мӕлӕты цӕстытӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау бахызта. Уый фервӕзын кӕндзӕн мах, ӕмӕ Йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм: фервӕзын нӕ кӕндзӕни ноджыдӕр, Мах нӕ буары кӕддӕриддӕр хӕссӕм Йесойы мӕлӕт, цӕмӕй нӕ буары разына Йесойы цард дӕр. Уымӕн ӕмӕ мах, удӕгӕстӕ, Йесойы сӕраппонд иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, цӕмӕй нӕ мӕлинаг буары разына Йесойы цард дӕр.
Выбор основного перевода