Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты цӕстытӕм. Иудейты къухӕй фондз хатты бавзӕрстон фӕйнӕ нудӕс ӕмӕ ссӕдз цӕфы; Ӕртӕ хатты мӕ фӕнадтой лӕдзджытӕй; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн; ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны уӕлӕ, арвыстон; Арӕх цыдтӕн балцыты; тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл; тӕссаг мын уыди абырджытӕй; тӕссаг мын уыди хи адӕмӕй; тӕссаг мын уыди муртаттӕй; тӕссаг мын уыди сахары; тӕссаг мын уыди ӕдзӕрӕг быдыры; тӕссаг мын уыди денджызы; тӕссаг мын уыди мӕнгӕфсымӕртӕй; Мӕ куыст уыди уӕззау; арӕх хуыссӕгӕй не 'фсӕстӕн; ӕййӕфтон стонг ӕмӕ дойны; арӕх мӕ гуыбын дӕр не 'фсӕстон; фӕрӕзтон уазал ӕмӕ бӕгънӕгӕн.
Выбор основного перевода