Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕмӕ фарны уац хъусын кодтон зондджын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ мӕ ныхас фидаргонд уыди Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ, Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр. Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты – мах хӕцӕм, Хуыцауы тых кӕй мидӕг ис, фидӕрттӕ ныддӕрӕн кӕнын кӕй бон у, уыцы хотыхтӕй. Уыдонӕй дӕрӕн кӕнӕм рӕдыд хъуыдытӕ – Уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, уӕ бон хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ лӕууын куыд уа, афтӕ. Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй фыдбылызы бон куы ралӕууа, уӕд уӕм разына ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару, фӕуӕлахиз уат ӕппӕтыл дӕр, ӕмӕ ма фӕцудат.
Выбор основного перевода