Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви? Уӕдӕ адӕймагӕй мачи ӕппӕлӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр сымах у: Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн. Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа, ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕддӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕ- нын уеппӕтимӕ дӕр. Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл. Мӕ бон ӕппӕт дӕр у мӕнӕн тых дӕттӕг Чырыстиимӕ. Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары хъизӕмӕрттӕй ӕз архайын Чырыстийы тухӕнтӕ баххӕст кӕныныл Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд. Ӕмӕ сымах фӕзмын райдыдтат мах ӕмӕ Хицауы. Фарны уацыл баууӕндыдыстут бирӕ зынтӕ ӕвзаргӕйӕ, фӕлӕ уын Сыгъдӕг Уд кӕй радта, уыцы цинимӕ.
Выбор основного перевода