Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Нӕ Хицау Йесойы номыл куы ӕрӕмбырд уат, уӕд мӕ уд дӕр уыдзӕн уемӕ, ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕджы нӕ Хицау Йесойы хъаруйӕ Бакӕнӕм хӕйрӕджы бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Хицау тӕрхон куы кӕна, уыцы бон. Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый.
Выбор основного перевода