Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ нӕхицӕй мӕнӕ уымӕй ӕппӕлӕм: дунейы, уӕлдайдӕр та сымахмӕ, мах фӕцардыстӕм хӕдӕфсармӕй, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн не 'фсарм – ӕвдисӕн. Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр. Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй – уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен. Ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.] Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц зылын фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгадгӕнӕг куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ ныннӕмынмӕ.
Выбор основного перевода