Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы, ӕхсӕвӕй-бонӕй, сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый. Бӕлвырдӕй куыд айхъуыст, афтӕмӕй уӕм фӕзынди хъахбай ми, стӕй ахӕм хъахбай ми, ӕмӕ суанг муртаттӕй дӕр ахӕм хъуыддаг нӕ райхъуыст – чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ. Кӕд уӕ мӕ фыстӕгӕй зӕрдӕхъыджы бафтыдтон – фӕсмойнаг мын нӕу. Ӕз федтон: кӕд цыбыр рӕстӕгмӕ, уӕддӕр уын мӕ фыстӕг ӕрхаста зӕрдӕхъыг, ӕмӕ йыл хъынцъыймаг фӕдӕн. Ныр та райын – зӕрдӕхъыджы кӕй бафтыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ уӕ уыцы хъыг фӕсмон кӕй расайдта, ууыл. Уӕдӕ уын ницы зиан ӕрхастам, уымӕн ӕмӕ уӕ хъыг Хуыцауӕн фӕндон у. Уӕдӕ уӕм ӕз иугӕр ныффыстон, уӕд ӕфхӕрӕджы сӕраппонд дӕр ӕмӕ ӕфхӕрд баййафӕджы сӕраппонд дӕр нӕ, фӕлӕ уын цӕмӕй Хуыцауы раз раргом уа, куыд ӕнувыд ныл стут, уый.
Выбор основного перевода