Дунедарӕг Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы хъӕддаг сырдты ӕхсӕн калмӕй хиндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ калм бафарста сылгоймаджы: «Ӕцӕг загъта Хуыцау: „Дыргъдоны бӕлӕстӕй иуы дыргъӕй дӕр ма хӕрут“?»
Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ, ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"».
Симон, Симон, хӕйрӕг ракуырдта, цӕмӕй уӕ балуӕрстӕуа мӕнӕуау.