Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Иоанна
1
Параллельные места
Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ, скӕндзӕни стонг рӕстӕг. Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты. Тауӕг ӕмӕ донуадзӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕн йӕ мызд, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ. Кӕй арӕзт хъуыддаг нӕ басудза, уый райсдзӕни хӕрзиуӕг. Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Хицауӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Хицауӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут. Сымахмӕ мӕ фӕллой дзӕгъӕлы куы фӕуа, уымӕй уын тӕрсын. Ӕрымысут, Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕм рухс куы бауагъта ӕмӕ уый фӕстӕ тохы бирӕ зынтӕн куы бафӕрӕзтат, уӕ раздӕры уыцы бонтӕ. Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард. Ӕрмӕст Ме 'рцыдмӕ фидар хӕцут, цы уӕм ис, ууыл. Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.
2. Иоанна
1
Выбор основного перевода